Элизабет Руди – АИШ-ы минæварад разы у ЕÆÆО-ы цæстдарæг миссийы аргъдæвæрдимæ, ома æвзæрстыты фыццаг тур ацыд конкурентон уавæры

11:33, 05.11.2018

АИШ-ы с минæварад разы  у  ЕÆÆО-ы  цæстдарæг миссийы   аргъдæвæрдимæ, ома  Гуырдзыстоны  президентон æвзæрстыты фыццаг тур ацыд конкурентон  уавæры-  уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет Руди   райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   æвзæрстгæнджытæм зæгъгæ уыд   фадат сæрмагонд хъуыды  сфиксир кæнын.

«Нæ минæварад  афтæдæр зоны уыцы проблемæты тыххæй, кæцытæ сфиксир сты  æвзæрстытыл   аиппыты  хуызæй  æмæ ныфсджын стæм,  цæмæй дыккаг туры  ацы аиппытæ рараст уыдзысты.  Мах  æвзæрстытæм  кæсæм  куыд ноджы иу  фадатмæ, цæмæй Гуырдзыстон равдиса йæ демокративон  æвзарæнон  системæ», –   райхъусын кодта Элизабет Руди.

Хуыздæр