Элизабет Руд – Америкæйы Иугонд Штаттæ сæрыстыр у Гуырдзыстонимæ нысаниуæгджын партнерадæй
Нæхи цæстæй федтам гуырдзиаг æфсæддæтты æхсардзинад æмæ куыд æууæнкаг сты уыдон хæсты быдыры. Тынг фидар дæнц у Гуырдзыстоны иузæрдыгдзинады, сабырдзинад æмæ æдасдзинады æрдæм, куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ йæ арæнты æддæйæ – уый тыххæй, АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Элизабет Руд Цъерованы, цæф æфсæддæттæн реабилитацион центры бакондыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Элизабет Руд бахахх кодта, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны цæф æфсæддæттæн программæйы æрдæм АИШ-ы иузæрдыгдзинад фидæны дæр дарддæр кæндзæн.
«Мах хæсджын стæм удоны раз, чидæриддæр стыр нвонд скондта; хæсджын стæм цæф хæстонты æмæ сæ бинонты раз. Фæнды мæ бузныг зæгъын Америкæйы хицауады æдасдзинады программæйæен, кæцы 12 милуан лари рауæлдай кодта ацы проектæн. Афтæдæр мæ фæнды бузныг зæгъын Америкæйы æфсады инженерты корпусæн, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадæн, бынæттон хицауадæн» – райхъусын кодта Элизабет Руд.
АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг райгонддзинад равдыста, уыцы нысаниуæгджын хайбавæрдæй, кæцы Гуырдызстоны æххæст кæны хъæддых æххуысы миссийы Афгъанистаны.
«Фæстакг аст азы дæргъы, Гуырдзыстон 13 минæй фылдæр æфсæддоны арвыста Афгъанистаны миссимæ. Аст мины онг гуырдзиаг æфсæддон службæ кодтой Иракъы, афтæдæр Мали æмæ Централон Африкæйы мисситы. АИШ-æ дарддæр кæны гуырдзиаг партнертимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм хæцын» -райхъусын кодта Элизабет Руд.