Экономикайы министрад – 2008-æм азæй Уæрæсейы æфсæдтон хæдтæхджытæн Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад æхгæд у

20:26, 18.03.2022

Экономикайы министрад – 2008-æм азæй Уæрæсейы æфсæдтон хæдтæхджытæн Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад æхгæд у

Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад Уæрæсейы уæлдæфон тыхты хæдтæхджытæ нæ змæлынц –уый фæдыл ис фыст экономикайы министрады фидиуæны.

Уагдоны сидынц, цæмæй 2008-æм азæй Уæрæсейы æфсæдтон хæдтæхджытæн Гуырдызстоны уæлдæфон тыгъдад æхгæ у, уæлвæткъон уавæрты хæдтæхæг та æфсæдтон статус нæ хæссы.

«Фæнды нæ рахъæлæба уæм телекомпани «Мтаварийы» абон апарахатгонд информацийы фæдыл, кæцымæ гæсгæ, уырыссаг æфсæдтон хæдтæхæг Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдады спайдайæ атахт Мæскуыйæ Ереванмæ. Сæ аргълæвæрдмæ гæсгæ, «æхгæд информаци у æмæ æнæзонгæ у , цæмæн атахт æфсæдтон хæдтæхæг Гуырдызстоны арвыл». Уыд æви нæ уыдонæн «Гуырдзийаг бæллицы» барлæвæрд. Гæнæн ис æмæ уый суа æппæтдуноен скандал, кæд Гуырдзытсон Кремлæн гом кæны уæлдæфон тыгъдад.

Фыццаджы дæр хъуамæ бахахх кæнæм, цæмæй ацы телекомпани традиционæй даргъ кæны фыдхæссæг, кæд æмæ телекомпанийы журналист парахат кæны æнæраст информаци, Украинайы уæвæг ситуацийы фоныл.

Бæлвырд кæнæм, цæмæй Гуырдызстоны уæлдæфон тыгъдад  Уæрæсейы  æфсæдтон хæдтæхæг нæ уыд –Гуырдызстоны арвæй спайда кодта Уæрæсейы уæлвæткъон уавæрты министрады хæдтæхæг Il-76, регистрацион номыр RA76429.

Снысангонд рейс уыд хуымæтæг гражданон, кæцыйы нæ хъуыд Гуырдзыстоны æрдыгæй уæлæмхасæн барлæвæрд –рейсы сыххæстæн авиакомпанийы æрмæст рейс электронон план æмæ цæуы æрвыст Брюселмæ EUROCONTROL-кæцыйы уæцы рейс план.

Афтæ дæр банысан кæндзыстæм, цæмæй 2008-æм азæй Уæрæсейы æфсæдтон хæдтæхджытæн Гуырдызстоны уæлдæфон тыгъдад æхгæд у.

Хуыздæр