Экономикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг базарадон объектты минæвæрттимæ фембæлдзæн
Премьер-министры барамындæй, экономикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава æввахс бонты æнæхæлцадон базарады объектты минæвæрттимæ фембæлдзæн æмæ сæм байхъусдзæн, цæмæй цавæр бæрн исы йæхимæ базарадон сектор арæнæвæрдтæ фæрог кæныны цауы æмæ куыд ифтонг фæтк дæтдзæн рæнхъыты контрол.
Турнавайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны эпидемиологион уавæры стабилон кæныны миниуджытæ фæбæрæг сты, кæцыйыл ауæрдын хъæуы.
«Бирæ бæстæты ногазон периоды карз арæнæвæрдтæ фидар кæнынц æмæ æнæхъæн дуне раз у, цæмæй ацы ног аз ахуыр ног азау нæ уыдзæн. Ног аз æрлæудзæн уыцы фоныл, дунейы милуан æмæ æрдæгæй фылдæр адæймаг куы амард вирусы фæстиуæгæн. Уый тыххæй раст сты карз арæнæвæрдтæ дæр, фæлæ мах арæнæвæрдты ахæм моделыл нæ хъуыды кæнæм, ахæм æппæтадæмон мобилондзинады йеуæд дæр не сарæн кодтам, уалдзæджы карз арæнæвæрдтæ куы уыдис. Ныхас кæнæм ранæй-рæтты арæнæвæрдтыл. Ныфс нæ ис растдæр ацы ранæй-ран арæнæвæрдты тактикæйы фæрцы балансгонд уынаффæтæ рахæсдзыстæм. Иттæг нысаниуæгджын у базонын, цавæр бæрн исынц сæхиуыл базарадон хызæгтæ, кæд арæнæвæрдтæ фенцондæр уыдзысты 24-ы æмæ куыд контрол кæндзысты адæймæгты къада базарадон моллты территоритыл, афтæдæр æддæйæ»,- загъта Натиа Турнава.
Æхсæнуагдонон координацион советы планæй 24 декабрæй 2 январы онг периоды хъуамæ фенцондæр уа архайæг арæнæвæрдтæ. Сæрмагондæй та, кусыны бар уыдзæн базарадон центртæн, гом æмæ æхгæд базартæн. Сног уыдзæн муниципалон æмæ горæтты æхсæн транспорты змæлд.