Экономикæйы министрады информацийæ, транспорты фарстаты еврокомиссар  Адина Валеан Брюсселы цæугæ  инвесторты форумыл Астæу Къæлидоры райтынг кæныны хъуыддаджы Гуырдзыстоны ролыл фæныхас кодта
Экономикæйы министрады информацийæ, транспорты фарстаты еврокомиссар Адина Валеан Брюсселы цæугæ инвесторты форумыл Астæу Къæлидоры райтынг кæныны хъуыддаджы Гуырдзыстоны ролыл фæныхас кодта

Экономикæйы министрады  информацийæ, транспорты фарстаты  еврокомиссар  Адина Валеан цæугæ  бæрзонд рангы  инвесторты форумыл  Европæ æмæ Централон Азийы  æхсæн транспортон  цæдисты райрæзты хъуыддаджы Гуырдзыстоны ролыл фæныхас кодта.

Адина Валеаны  аргълæвæрдæй, Евроцæдисимæ интеграцийы процессы ацы цæстæнгасæй  Гуырдзыстоны æрдгæй  нысаниуæгджын политикон  æрвитæггæгтæ уыд арызт.

«Стыр  хъусдард хъæуы поитикон æрвитæггæгтæм, кæцытæ Гуырдзыстон Европаг бинонтимæ баиуы фæндагы  айзæлын кодта –  прагматон  ахаст уый фæдыл, цæмæй цы реалон  инвестицион  хъæуындзинад ис Астæу Къæлидоры, кæцыйы Гуырдзыстонмæ  иттæг нысаниуæгджын роль цæуы æвæрд.  Денджызон цæдис, Сау Денджызы уылты Европæмæ,  иттæг нысаниуæгджын у  Гуырдзыстонæн. Мах нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм  инвестицитæм  æмæ фарсхæцынмæ, цæмæй ацы  цæдис  фылдæр райрæза» –  банысан кодта Валеан.

Бæрзонд æмвæзады инвесторты форум, инициативæ «Глобалон  къулдуары»  фæлгæтты, Евроцæдисы организацигондæй  цæуы æмæ Европæ æмæ  Централон Азийы  æхсæн транспортон  цæдисты  райтынг кæныны перспективæтæ кæсы. Форумыл  кастæуы  Европæйы Реконструкцийы æмæ Райрæзты баны  (EBRD) 2023 цæстæнгас, кæцымæ гæсгæйæ  Гуырдзыстоны уылты  транс-каспийаг  маршрут  (Астæу Къæлидор) ацы æрдгæй  сегасдæр  зæрдæмæдзæугæ маршрутыл нымад æрцыд.