Экономикæйы министрад – дарддæр кæны бæрзонд экономикон рæзты тенденци, рæстæмбис экономикон рæзт 2025 азы январь-июны уыд 8.3%
Экономикæйы министрад – дарддæр кæны бæрзонд экономикон рæзты тенденци, рæстæмбис экономикон рæзт 2025 азы январь-июны уыд 8.3%

Гуырдзыстоны экономикæйы бæрзонд рæзты тенденци 2025-æм азы фыццаг æмбисы даргъ кæны.Экономикайы министрады информацийæ, афæдзы фыццаг кварталы экономикон рæзт уыд 9.8%, апрелы æмæ майы рæзт уыд 7.5%, июны та – 6.3%.

Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æмтгæй райсгæйæ, 2025 азы январь-июны рæстæмбис экономикон рæзт сбæлвырд ис 8.3%.

«Гуырдзыстоны экономикæйы фиксиргонд позитивон тенденцитæ æмæ бæрзонд экономикон рæзт дзурæг у ууыл, цæмæй æддагон шоктæм, геополитикон æнæразыдзинадмæ æмæ æртхъирæнтæм æнæкæсгæйæ, уый хъахъхъæны стабилондзинад æмæ æнæфæцудгæйæ рæзы.Уымæй уæлдай ма нысаниуæгджын у, цæмæй рæзты тенденци фиксиргонд æрцæуа НДС-фидгæ куыстуæтты æрзылды 2025 азы июны, кæцы 78%-æй фæфылдæр ис ивгъуыд азмæ абаргæйæ æмæ æмбæлон мæйимæ абаргæйæ. ног регистрацигонд куыстуæтты нымæц рауад 6188 .

2025 азы июны экономикон рæзтмæ нысаниуæгджын позитивон хайбавæрд бахаста экономикон архайды рæзт ахæм секторты: информаци æмæ коммуникаци; ахуыр; кондад, финансон æмæ страховкæйы архайд, стæй транспорт æмæ æвæрæнтæ. Уымæй уæлдай ма, июны бæрзонд экономикон рæзтæн æххуыс кодтой æддагон базарады æвæрццаг тенденцитæ – экспорт фæфылдæр 10,4% æмæ сси 640,2 милуан АИШ доллары, бынæттон экспорты рæзт та (экспорт æмæ реэкспорт нæ нымайгæйæ) сси 8,4%.