Экатерине Тъикъарадзе – разы нæ дæн вакцинаци тыхбын уаг æрбайсынимæ, уымæн æмæ расайдзæнис негативон процесстæ, кæцы æнæхъæнæй вакцинацийы процесс фæкуылымпы кæндзæн
Æнæмæнгхъæугæ вакцинацийы фæдыл хъуыдыимæ разы нæ дæн, уымæн æмæ уырдгæй равзæрдзæнис бирæ негативон процесстæ, кæцы фæкуылымпы кæндзæн процесс, – райхъусын кодта æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе.
Тъикъарадзе æнхъæлы, цæмæй нысаниуæгджын у коммуникаци цæрджытимæ, тыхбын уагæй архайын та дзæбæх нæ у.
«Паддзахады фæрæзтæ ацы этапмæ сты æнæивгæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары регуляциты æххæсткæнынады карз хъахъхъæнын. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй нæ æмбæстæгтæ баиу уой сæ активондзинадæй æмæ æмбæстагон бæрнæй уый тыххæй, цæмæй бахъахъхъæнæм социалон дистанци, нæ зæрдыл бадарæм алы уыцы рекомендаци, кæцытæ нæм ис низты контролы националон центрæй. Нысаниуæгджын у уый, цæмæй фæактивон кæнæм вакцинацийы процесс. Райдыдтам вакцинацийы марафон, æвзæрст сты 50 хъæу ацы этапмæ, кæцыты цæры 3000-æй фылдæр адæймаг. Дарддæры этап уыдзæн абаргæйæ чысылдæр хъæуты ацы марафон адарддæр кæнын.
Марафонæй уæлдай, нын афтæдæр нысаниуæгджын у фæактивон кæнæм нæ æмбæстæгты, кæцытæ сты 60 азæй хистæрдæр кары, уымæн æмæ растдæр се хсæн ис инфицрады сегасдæр бæрзонд риск, афтæдæр госпитализацийы. Рынчындæтты реанимацийы æмæ стæй та леталон фæстиуæгы риск. Растдæр уый тыххæй, ноджы иу хатт курын нæ æмбæстæгтæй, афоныл рахæссæт уынаффæ.
Нуырнæг дæн, цæмæй тыхбын вакцинацийæн уыдзæн негативон фæстиуæг, вакцинацийы процесс фæкуылпы уыдзæн, æмæ растдæр уый тыххæй нæ дæн разы вакцинаци тыхбын скæныны хъуыдыимæ, æнхъæлын, цæмæй хуыздæр уыдзæн цæрджытимæ фылдæр коммуникаци фæнысангонд темæйыл», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.