Экатерине Тъикъарадзе министры пост ныууагъта – уый тыххæй Тъикъарадзе «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы лæвæрд брифнгыл фехъусын кодта.
Уый æнæнизхъахъхъæды секторы минæвæрттæн раарфæ кодта æмгуыстады тыххæй æмæ министрæй уæвыны периоды сæххæст куыстыл фæныхас кодта.
«Нæ алы архайд æмæ уынаффæтæ здæхт уыдысты нæ бæстæйы æмæ æмбæстæгты æнæниздзинадæн сеппæтæй хуыздæр мадзæлттæ райсынæн. Нæкæсгæ уымæ, æмæ уыдис вазыгджын эпидемиологион уавæр бæстæйы æмæ сæйраг нысан уыд пандемиимæ тох, министрад сæххæст кодта бирæ нысаниуæгнджын проекттæ» – банысан кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, кусын адарддæр кæндзæн «Гуырдзиаг Бæллиццы» полит-советы.
«»Консультациты фæстиуæгæн раст уынаффæйыл банымадтам, ома мæ куыст адарддæр кæнон парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» политсоветы»- бафтыдта ма Экатерине Тъикъарадзе.