Экатерине Тъикъарадзе æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы минæвæрттимæ фембæлдис
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунйеон организацийы æмæ вакцинæтæй фæткдарын цы низтæн ис гæнæн уый фæдыл программæйы менеджер, Сидхарт Дата æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы Гуырдзыстоны офисы къухдариуæггæнæг Силвиу Доментеимæ фембæлдис.
Министрады пресс-куысты информацийæ, фарсытæ «ковид-19»-ы вакцинациимæ баст фарстæтæ æркастысты.
«Райстам уынаффæтæ вакцинацийы программæйы апарахат кæнынмæ гæсгæ, фæныхас кодтам массон вакцинацийы центрты саразыны фæдыл. Ацы æмгуыстад фидæны дæр активонæй адарддæр уыдзæн» – райхъусын кодта Тамар Габуниа.
Æнæнизхъахъхъæнынады министрад банысан кодтой, цæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунйеон организацийы активон æххуысæй, «COVAX»-ы платформæйы фæлгæтты 1.4 милуан дозæ вакцинæйы балхæд у плангонд. Вакцинацийы националон планмæ гæсгæйæ 2021 азы дæргъы вакцинаци ауадзыны нысанон бæрц у æмбæстæгты 60%.