Экатерине Тъикъарадзе - 600-ы онг компанийæ куысты æдасдзинады нормæтæ 80% сæххæст кодтой
Абоны онг сбæрæг кодтам 600-ы онг компанийы, сæ 80 процент, бавдыст домæнтæ сæххæст кодтой, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр, Экатерине Тъикъарадзе куысты æдасдзинады нормæты хъахъхъæды фарстыл ныхасы рæстæджы загъта.
«Мониторинг уæлæмхасæй цæуы æмæ афтæ дарддæр кæндзæн æнæмæнгæй, уымæн æмæ нæхимæ райстам барæн, нæ æмбæстæгты æнæниздзинадыл. Уый тыххæй дæр, ацы пункттæ министрады æрдгæй æнæмæнгæй уыдзæн хъахъхъæд. Абоны онг сбæрæг кодтам 600-ы онг компанийы, уым хъуамæ банысан кæнон, цæмæй семæ развæлгъау коммуникацийы фæстиуæгæн, уый йас цæттæ уыдысты, æмæ компаниты 80 процент сæххæст кодтой уыцы домæнтæ, кæцытæ уыд бавдыст», – фехъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Министры дзырдæй, зæгъгæ министрады веб-фарсыл ис гæнæн алы домæн бацагурын, кæцыйы компани хъуамæ æххæст кæна.