Эка Беселиа - Парламент æмæ хицауады æхсæн диалог æгъгъæд кæй нæ уыд, кæцыйы кой кодта Бидзина Иванишвили, иуæй-иу сегасæй серьозон темæ у
Бидзина Иванишвилийы интервью уыдис æргомзæрдæ, уыдис æргом æрвитæггæгтæ, æргом аргъгонд æмæ тынг цымидисон анализ – уый фæдыл райхъусын кодта парламенты юридикъон фарстаты комитеты сæрдар Эка Беселиа, «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвилийы интервьюйæн аргъ кæныны рæстæджы.
Эка Беселиа куыд банысан кодта афтæмæй, уыдис дзы фарстатæ, кæцытæм гæсгæ дæр Бидзина Иванишвили дзырдæппарæнтæ кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, проблемон фарстаты æхсæн, ис уæлдайджын хæстæ æмæ æмбæстæгты æмахаст банкъытимæ, уый зæгъгæ у иуæй-иу сеппæтæй серьозон проблемæ.
«Мæнмæ гæсгæ, ам ис цалдæр ардæмад æмæ мæ фæнды ацы æрвитæггæгтæ рахицæн кæнон. Мæ хъусдард йехимæ баздæхта тенденци, кæцымæ гæсгæ дæр, адæймаджы бьарты кабазы демократийы стандартты рæзынадимæ иумæ, уыцы темпæй не ййафы экономикон прогресс. Ныр сæйраг рард у, цæмæй социалон-экономикон уавæртæ не мбæстæгтæн райрæзын кæнæм ахæм темпытæй, куыд фæстаг азты мидæг рæзтысты стандарттæ адæймаджы барты хъахъхъæды æрдгæй. Проблемон фарстыты æхсæн ис, уойæ, уæлдайджын хæстæ æмæ æмбæстæгты банкъытимæ æмахаст, æнæрæстаг нормæтæ æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, уый у иуæй-иу сеппæтæй серьозондæр проблемæ, кæцы хъыг дары не мбæстæгты. Уый тыххæй дæр мах сразы стæм ног ивдтыты ауадзынимæ, кæцытæ ликвидаци скæндзсты ацы æнæрастдзинад», – захта Эка Беселиа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Бидзина Иванишвили серьозон акцент сарызта парламенты æмæ хицауады æхсæн æмахастыл.
«Бидзина Иванишвили раздæры хицауады кой куы кодта, уый сæйраг æфсон уыд уый æмæ, хицауады диалог парламентимæ æгъгъæд бæрцæй нæ уыд. Мæнмæ гæсгæ уый у ахсджиаг акцент, уымæн æмæ стæм парламентон республикæ. Æнцой дарын парламенты æрдгæй хицауады кантролгæнæн механизммæ фæфылдæримæ. Парламент æмæ хицауады æхсæн диалог æгъгъæд кæй нæ уыд, кæцыйы кой кодта Бидзина Иванишвили, иуæй-иу сегасæй серьозон темæ у, æмæ æнæмæнгæй хъуамæ ивд æрцæуа», – райхъусын кодта Эка Беселиа.
Партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвилийы, эксклюзивон интервью, лæвæрд æрцыд Фыццаг Къаналы эфиры алæвæрд «Актуалон темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».