Эдгарс Ринкевичс - Махæн Европæйы сабырад бахъахъхъæнын æнцондæн уыдзæн, Украина куы фæуæлахиз уа уæд
Адарддæр кæнут хæцæнгарзæй ифтонг кæнын кæнæ та украинæгтæ саст баййафдзысты æмæ Уæрæсейæн цъæх рухс ыссудздзæн, цæмæй фидæн та æндæртæм бартхъирæн кæна, – уый фæдыл Латвийы президент Эдгарс Ринкевичс агентад «Эсошиэйтед Прессимæ» интервьюйы рæстæджы загъта. Ацы фидиуæнæй Латвийы президент уыцы бæстæтæм сиды, кæцытæ Украинайæн æфсæддон æххуыс адарддæры тыххæй дызæрдыг кæнынц.
Ринкевичы фидиуæнæй, украинæгтæ æхсарджынæй тох кæнынц æмæ ныгуылæн бæрнон у, сдзуапп кæна президент Зеленскийы æрдгæй фылдæр хæцæнгарзы куырдиатæй, уымæн æмæ йæ дзырдæй; мах нæ раттам уый йас, цас дæр хъуамæ раттаиккам».
Ринкевичс афтæдæр банысан кодта, цæмæй Уæрæсе æххæст кæны экономикæйы, ресурсты, æфсæддон потенциалы мобилизацидзинад «тынг дæргъвæтин хæстмæ». Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, Мæскуы бацархайдта, хæсты цырд фæуæлахиз уыдаит, фæлæ бамбæрста, цæмæй нæ бафæрæзтаит æмæ ныр архайы Украинайы «ныххурх кæнын». Уыимæ ма Ринкевичс фенхъæлдта, ома Уæрæсе сног кæндзæн Украинайы энергетикон инфраструктурæйы хайтытæ фидæн мæйты, ивгъуыд зымæджы куыд кодта афтæ.
Ринкевичсы фидиуæнæй, Евроцæдис æмæ НАТО афтæдæр хъуамæ цæттæ уой Украинайы дæргъвæтин хæстмæ.
«Евроцæдис бамбæрста, цæмæй нæ хъæуы фылдæр хъахъхъæнынад æмæ æфсæдон тызхтæ. Ацы этапыл, мæ фæндид, цæмæй уый бирæ цырддæр процесс уаид. Фæлæ дзæбæх у ацы фарста кæй фезмæлыд уый», – банысан кодта Уый.