Январы мæйы, туризмæй æрбафтгæ æфтиæгтæ 20 проценты онг фæфылдæр сты
Цæугæ азы туризмы индустрийы нын ис тынг æхсызгон тенденци – уый фæдыл Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы къухдариуæггæнæг Мариам Квривишвили райхъусын кодта.
Журналисттæ Дунейы ахæлиугонд коронавирусы фоныл Гуырдзыстоны туристты къадайæ бацымидис кодтой.
«Ацы этапыл нын ис тынг æхсызгон тенденци туризмы индустрийы. 2020 азы январы райдыдта егъау темпæй райрæзт, кæцы æххæссы 19-20 процентмæ, бæлцæтты æрдгæй, афтæ куыд туристты бæрæггæнæнтæй. Афтæдæр нын серьозон рæзт ис туристты хардзты æрдгæй æмæ январы мæйы, нæ æфтиаг туризмæй, экономикæйы райрæзтис 20 проценты онг. Ацы этапмæ нын фæдисон ницы ис. Ис зæгъæн, фæнысангонд афæдз тынг æнтыстджынæй райдыдта бæстæ»,- райхъусын кодта Мариам Квривишвили.