Январ-апрелы Гуырдзыстонæй, экспортмæ хаст æрцыд 26 милуан авг сæны æмæ 8,4 милуан авг бренди
Январ-апрелы Гуырдзыстонæй дунейы 38 бæстæмæ, 26 милуан авг (0,75 л) сæны экспорт сыххæст, кæцы 2018 азы æвдисæгæй 4 процентæй фылдæр у – уый фæдыл, Сæны националон агентады информацийы у банысангонд.
Агентады хъусинагæй, экспортиргонд сæны аргъ, 63,2 милуан АИШ доллармæ æххæссы, кæцы 2018 азы аналогион периоды бæрæггæнæнæй 7 процентæй фылдæр у. Гуырдзиаг сæны реализаци райрæзтис, Америкæйы, Азийы æмæ Европæйы æрдгæй. Экспорт райрæзт гуырдзиаг сæны стратгион базартыл: АИШ- – 108% (219713 авг), Китай– 22% (2192025) æмæ Польшæ – 16% (1173850). Рæзт афтæдæр банысан кæнын хъæуы ацы бæстæты: Израиль – 102% (106572), Белорус – 88% (604076), Франц – 81% (43938), Монголи– 72% (106452), Канадæ – 70% (66960), Голланди – 37% (40930), Эстони– 15% (214502), Лиетувæ – 4% (179370), Уæрæсе 4% (16850331) æмæ æндæр. Афæдзы райдианы, æндæр æмæ æндæр гуырахсты сæны экспорт сæххæст кодтой 179 компанийы.
Афтæма, дунейы 16 бæстæмæ экспортиргонд у 8,4 милуан авг (0,5 л) бренди, кæцы 67%-æй фылдæр у 2018 азы аналогион бæрæггæнæнтæй. Брендийы экспортæй райст æфтиаг 18 милуан АИШ доллар у (рæзт 74%). Дунейы 18 бæстæмæ жкспортиргонд у 140 мин авг (0,5л) Чъачъа, экспорты рæзт аххæссыд 68%. АРахъхъы экспортæй райст æфтиаг у 382 мин АИШ доллар, (рæзт 31%).