Янош Херман – Серьозонæй мæтæйдзаг дæн Хуссар Ирыстоны айтынггонд фæзындтæй
Евроцæдисы минæварады къухдариуæггæнæг Янош Херман оккупацигонд Цхинвалы фæмардуæвæгАРчил Татунашвилийы бинонтæн социалон хызаг «Твиттеры» фæрцы тæфæрфæс ракодта æмæ банысан кодта, цæмæй Хуссар Ирыстоны фæстаг бонты айтынггонд фæзындтæй тыг мæтæйдзаг у.
«Серьозонæй мæтæйдзаг дæн Гуырдзыстоны, Хуссар Ирыстоны фæсаг бонты айтынггонд фæзындтæй. Тæфæрæфæс кæнын Татунашвилиты бинонтæн. Евроцæдис цæттæ у, баххуыс кæна цæугæ фæдæвзарæнон æмæ дарддæр кæны Гуырдзыстоны сабырады æрфидары æмæ конфликтты аскуыддзагæн нцой дарын» – фыссы «Твиттеры» Янош Херман.
Арчил Татунашвили 23 февралы Цхинвалы рынчындон амард. Гуырдзыстоны ноджы дыууæ мæбæстагы оккуапцигонд Цхинвалы минæвæрттæ 22 февралы æнæзакъононæй æрцахстой.
Оккупацигонд Цхинвалы минæвæрттæ Татунашвилийы мард радæттыныл нæ сразы сты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, марды Татунашвилийы бинонтæм уæд радæтдзысты, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл йын экспертизæ куы сырæздзæн.
Арчил Татунашвилийы бинонтæ æмæ хæстæджытæ марды æнæаргъæвгæйæ радæттыны æркуырдæй знон акци сарызтой æмæ централон магистрал сæхгæдтой.
Фæстæдæр фæмардуæвæгы фыд мидхъуыддæгты министримæ фембæлд, цæй фæстæ дæр акцийы хайадисджытæ æрсидтис демонстраци бауромынмæ.
Гиорги Татунашвилийы фидиуæнæй, уый фембæлд мидхъуыддæгты мнистр Гиорги Гахариаимæ, кæцы рæстæджы дæр бадзырдтой, цæмæй бинонты уæнгтæ ноджы дыууæ бон банхъæлмæ ксдзысты марды раласынмæ æмæ акци бауромдзысты.