Янош Херман – Евроцæдис æнцой дары Гуырдзыстоны хицауады къахдзæфтæн, кæцытæ сты сабырадон политикæйы æрдæм
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады архайæг къухдариуæггæнæджы Янош Херманы фидиуæнæй, Евроцæдис æнцой дары Гуырдзыстоны хицауады сабырадон къахдзæфтæн, кæцытæ арызт цæуынц сабырадон политикæйы æрдæм.
Янош Херманы журналисттæ фарстой оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министры Сергей Шамбайы «Эхо Москвы»-æн лæвæрд интервьюйы фæдыл.
«Евроцæдис æххæст æнцой дары Гуырыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты.Ай æрмæст ныхæстæ не сты, ай у Евроцæдисы политикæ. Нæ нхъæлын цæмæй тынг хъæугæ у мæ комментаритæ æмæ зондамоннтæ Гуырдзыстоны хицауадæн. Евроцæдис йæ позици ныридæгæн равдыста уымæй æмæ, æгъау фарсхæцынад сиды Гуырдзыстонæн, куыд евроцæдисы цстдарæг миссийы фæрцы, афтæдæр Женевйæы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдары æмæ Евроцæдисы специалон минæварады разамындæй. ЙÆ фарс хæцæм гуырдзыстоны хицауады къахдзæфтæн, кæцытæ сабырадон политикæйы æрдæм сты. Афтæма, Гуырдзыстон-Уæрæсейы хæсты 10 азы сæры фæдыл сарызтам фидиуæн, кæцыйы мидæг мæ сæрмагонд позици у фиксиргонд» – райхъусын кодта Янош Хермн.
Оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба, рауагъдад «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы райхъусын кодта, цæмæй гуырдзиæгты зæгъгæ, знæгтыл нæ гнымайы æмæ йын Гуырдзыстоны хæлæрттæ дæр ис. «Гуырдзыстоны ныхмæ тохы зæгъæн ис лидер æз уыдтæн. Фæлæ афтæдæр фыццагæй райдыдтон ныхас уый тыххæй, цæмæй афон у исты амæлттæй диалог райдаын»- райхъусын кодта Шамба.