Янош Херман – æнхъæлмæ кæсын «Скæсæн Партнерады» фидæн саммитмæ, кæцы Гуырдзыстонæн пайдаджын уыдзæн
Гуырдзыстоны евроцæдисы миссийы къухдариуæггæнæг Янош Херман æнхъæлмæ кæсы уымæ, цæмæй «Скæсæн Партнерады» саммит Гуырдызстоны цæрджытæн пайдаджын уыдзæн. Уый фæдыл Херман ныффыста социалон хызаг «Твиттеры».
Афтæма, Янош Херман социалон хызагы ахæлиу кодта æддæ архæйдтыты куысты официалон веб-фарсыл публикацигонд фидиуæн саммиты фæдыл.
«Майрæмбон 24 ноябры Брюсселы, «Скæсæн Партнерады» фæндзæм саммит сырæздзæн. 2099 азы райдайгæ программæйы нысан у, фæарфдæр кæна æмæ фæтыхджындæр кæна ахастытæ Евроцæдисы, йæ уæнг бæстæты æмæ 6 скæсæйнаг сыхагы – Сомихыстоны, Азербайджаны, Белорусы, Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинæйы æхсæн. Иумæйаг нысан у, демократийы, дзæбæхдзинады, стабилондзинады райтынг кæнын æмæ ацы бæстæты æхсæн æмкуысткæнынад фæтынгдæр кæнын» – дзырдæуы Евроцæдисы æддагполитикъон уагдоны фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, «Скæсæн Партнерады» сырæзты бонæй,йæ хайадисæг паддзахадтæ Евроцæдисæй финансон æххуысы хуызæй, 5,4 миллиард евро (15 миллиард лари) райстой.
Евроцæдисы банымадтой, цæмæй Брюсселы самит уыдзæн нырид цы æнтыстытæм баххæссыдысты уыдоны бахыгъд æмæ фидæны приоритетты сфидары фадат.
Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты информацийæ, саммиты фæлгæтты сырæздзæн концерт кæцыйы хайад райсдзысты «Скæсæн партнеры» уæнг æхсæз бæстæйы бæрзонд æмвæзады пианисттæ афтæдæр æвзонг музыканттæ.
Афтæдæр фидиуæны æвдыст сты уыцы фарсхæцæн архæйдтытæ, кæцыты Евроцæдис сæххæст кодта Гуырдзыстонæн æххуысы нысанæй.
- 2009 азы фæстæ, Евроцæдис Гуырдзыстонæн баххуыс кодта 2,1 миллиард ларийæ (711 милуан евро) 63 мин гуырдзиаг амалиуæгдары сфинанс кæныны, трейнингты æмæ экспорты фархæцынæн, цæмæй сын баххуыс кодтаит конкурентхъом бауыны хъуыддаджы.
- Фæстаг дыууæ азы дæргъы Гуырдзыстонæй 1700-æй фылдæр студент æмæ академик сахуыр сты кæнæ ахуыр кодтой Евроцæдисы «Erasmus»-ы программæйы фæлгæтты;
- Гуырдзыстон инфраструктурæйы, транспорты тынгады æмæ æрдзы хъахъхъæды тыххæй æндæр æмæ æндæр грантытæ райста, дæнцæн, Евроцæдисы финансдзинады руаджы, Гуырдзыстоны уынгты 143 ног уæларвгъуыз экологионæй сыгъдæг автобус разынд.