Ян Липавски – Чехи цæттæ у, бавдиса программæ Украинайæн, кæцыйы нысан у Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фæразондзинад дæр, иууыл цъус энергетикæ æмæ киберæдасдзинады сферæйы
Евроцæдисы президенттæй уæвыны рæстæгмæ цæттæ стæм, бавдисæм æппæтылæххæссæг стабилизацийы, реконструкцийы æмæ стабилондзинады рпограммæ, Украинайæн регионон барыны æрдгæй, кæцыйæн йæ нысан у Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фæразондзинад иууыл цъус энергетикæйы æмæ киберæдасдзинады сферæйы – уый фæдыл Чехы фæсарæн хъуыддæгты министр Ян Липавски райхъусын кодта.
Ян Липавски Польшæйы цæугæ доннорты æхсæнадæмон конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Чехи тызмæг фауы Уæрæсейы гарзджын тыхмидзинад æмæ бысртытæ сабр цæрджытæмæ æмæ инфраструктурæмæ Украинайы.
«Фауæм Уæрæсейы æрдгæй æхсæнадæмон гуманитарон барады саст. Украинайы Уæрæсейы хæст райдаыны фæстæ, Чехи 22 милуан евройы æххуыс сифтонг кодта Украинайы зианбавзарæг цæрджытæн, афтæма лигъдæттæн. Чехи ифтонг кæны уæлæмхасæй 18 милуан евройы мобилизаци. Хæст Украинайы æмæ йæ гуманитарон æмæ геополитикон фæстиуджытæ нæ фидæн Евроцæдисы президентæй уæвыны рæстæджы æркæсинаг приоритеттæ сты. Чехийы президентæй уæвыны рæстæджы, цæттæ стæм бавдисæм æппæтылæххæссæг стабилизаийы, реконструкцийы æмæ стабилондзинады программæ Украинайæн регионон цæстæнгасæй, кæцыйæн йæ нысан у Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фæразондзинад дæр иууыл цъус энергетикæйы æмæ киберæдасдзинады сферæты», – райхъусын кодта Ян Липавски.
Польшæйы, доннорты æхсæнадæмон конференцийы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили дæр исы хайад.