Ян Къелли - мæ хъуыдымæ гæсгæ Гиорги Квирикашвилийæн Женевæйы форматы æрдæм ис раст ахаст
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гиорги Квирикашвилийæн Женевæйы форматмæ гæсгæ раст ахаст ис æмæ цæй зæгъын æй хъæуы йæ фарс хæцæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Ян Къелли «Фейсбукы» видеоконференцийы рæстæджы расидтис.
Уыйимæ иумæ, Ян Келли куыд банысан кодта афтæмæй, гуырдзиаг æхсæнады имдæг ис бæрæг ныфсаст, цæмæй Женевæйы форматы руаджы уыцы нысæнттæм баххæссын не нтысы кæцыты тыххæй дæр сырæзт.
«Мах ныридæгæн исæм хайад Женевæйы форматы. Зонут æй афæдзы мидæг цыппар хатт фæййынц ацы фембæлдтæ. Мах исæм хайад бæрзонддæр æмвæзадыл. Фæлæ мæ фæнды банысан кæнон, цæмæй гуырдзиаг дзыллæйы ис бæрæг ныфссаст ацы фарстæй, цымæн æмæ форматæй уыцы нысæнттæм баххæссын не нтысы, кæцыйы тыххæй дæр архайы – урæд æрцæуа бордеризаци, сног уа базарадон цæдистæ цæрджыты æхсæн æмæ а.д.
Фæстиуæг у уый æмæ, прогресс иунæг ардæмадæй дæр, нæ дæр мах æмæ нæдæр гуырдзыстойнаг цæрджытæ уый нæ фæфиппайдтой. Мæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны премьерæн ис раст ахаст ацы фарстмæ гæсгæ æмæ йын мах йæ фарс хæцæм.
Ахæм типы форматты æнæмæнг у, баст уой ахæм адæймæгтæ, кæцытæн ис скуыддзæгты райсты фадат. Цæй зæгъын æй хъæуы хайадисджыты фæнды прогрессмæ баххæссын, фæлæ нæ хъæуы скуыддзæгтæ исæг адæймæгтæ.
Цыдæриддæр та нæ бастдзинадмæ æххæссы, уый тыххæй сараздзыстæм консультацитæ преьмер-министримæ» – расидтис Ян Къелли.