Йæ цардæй ахицæн ис Вахтанг (Буба) Кикабидзе
Йæ цардæй ахицæн ис Вахтанг (Буба) Кикабидзе

84 азы кары йæ цардæй  ахицæн ис,  зарæггæнæг, артист, режиссер, сценарист Вахтанг (Буба) Кикабидзе.

Фæнысангонд информаци, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  йæ продюссер  сбæлвырд кодта.

Вахтанг Кикабидзе 1959-1965 азты  ахуыр кодта  Тбилисы паддзахадон университеты, 1961-1963 азты фæсарæйнаг æвзгты институты.  1959 азæй  уыд  Филармонийы  артист.  Зарыдис  ансамбльты: «Диело», «Реро».  1967 азæй  уыдис  вокалон  инструменталон ансамбль  «Орерайы» солист. Сыххæст кодта рольтæ  фильмты: «Фембæлд Хохы» (Гиа),  «Ма хъынцъым кæ» 1968 (Бенжамен Гълонти), «Æз фæдагурæг» 1971 ( Гиорги Микеладзе), «Верейы сыхы  мелодитæ» 1973 (Павле),  «Мимино» 1977 (Валико Мизандари), «Дæ цæрæнбон бирæ  дæ  фæхъхъау» 1981 (Вахтанг, Давит, Гиви, музыкант), æмæ  æндæртæ. Уыдис  аивадон режиссер  æмæ сценаристы автор  фильмты: «Дæ цæрæнбон бирæ  дæ  фæхъхъау» 1981; «Нæлгоймæгтæ æмæ æндæртæ» 1985; 2020  азы уыд  Гуырдзыстоны  дæсæм æрсидты парламенты  уæнг, партион номхыгъдæй, æвзарæнон блокъ: блокъ «Иугонд Националон Змæлд – Иугонд Оппозици «Тых Иудзинады Ис».