78 аздзыд кары амард гуырдзиаг режиссер Темур Чхеидзе. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой Темур Чхеидзейы хæстæджытæ.
Темур Чхеидзе фæцис Тбилисы паддзахадон театралон институты режиссерон факультет 1965 азы. 1965-1967 азты уыд Зугдиды драмон театры, 1967-1970 азты æнахъом кæсджыты гуырдзиаг театры, 1970-1980 азты Руставелийы театры, 1980-1990 азты Марджанишвилийы театры режиссер. 1981-1988 азты Гуырдзыстоны телеуынынадон театры аивадон къухдариуæггæнæг, Тбилисы паддзахадон театралон институты артисты дæсныйады æмæ режиссерæйы педагог.
1991 азæй уыдис Санкт-Петербургы Стыр драмон театры режиссер, 2004 азæй – сæйраг режиссер, 2007-2013 азты – аивадон къухдариуæггæнæг. Сæвæрдта 80-ы онг драмон оперон æмæ телеуынынадон спектакль, сæ нымæцы æнахъом кæсджыты театры.
Лæвæрд йæм уыд бирæ хорзæгътæ æмæ премитæ, сæ нымæцы 2013 азы Ильяйы майдан, гуырдзиаг культурæйы сæрмагонд сгуыхтдзинады тыххæй; 2010 азы ссис Тбилисы цытджын цæрæг, 1981 – Гуырдзыстоны адæмон артисты титул.
1997 азы йæм лæвæрд уыд «Сыгъæриш софит», Санкт-Петербургы бæрзонддæр театралон преми номинацийы «режиссеры сегасдæр хуыздæр куыст» Жан Ануйы «Антигон» сæвæрыны тыххæй.
Темур Чхеидзе уыдис цытджын нысаны ордены «Сыгъзæрин Гран-прийы» хицау, афтæма йæм лæвæрд уыд Шота Руставелийы номыл паддзахадон преми, Коте Марджанишвилийы номыл преми, Михеил Туманишвилийы номыл преми, Гуырдзыстоны театралон преми «Сыгъзæрин маскæ» (дыууæхаттонæй).