Йæ цардæй ахицæн ис Гуырдзыстоны телеуацхæссынады фыццаг  телеакæнæг Лия Микадзе
Йæ цардæй ахицæн ис Гуырдзыстоны телеуацхæссынады фыццаг телеакæнæг Лия Микадзе

Йæ  цардæй  ахицæн ис Гуырдзыстоны  телеуацхæссынады  фыццаг   телеакæнæг  Лия Микадзе. Информаци уый фæдыл  бæлвырд кæнынц  йæ  бинонтæ дæр.

Лия Микадзе райгуырд 1936  азы 3 майы  Тбилисы.  1954 азы райдыдта ахуыр  Шота Руставелийы  номыл  театралон университеты.

Лия Микадзе  телеуынынады йæ  байгомы  бонæй  1956-æм азы 30  декабрæй  куыста.  Уый Гуырдызстоны телеуынынады  зæгъæн ис  æрдæг æнус арвыста.

2013 азы  30  декабры  Гуырдзыстоны телеуынынады  бынудрæвæрды  57  азы сæрмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  Мтацъминдайы  паркы, Тбилисы телеуынынадон мæсыгы цур,  цытджын стъалы  бакодта  Телеуынынады  фыццаг    акæнджытæн, Лия Микадзейæн, Джульетта Вашахъмадзейæн æмæ Александра  Мачъаварианийæн.

Гуырдызстоны Фыццаг Канал тæфæрфæс кæны Лия Микадзейы бинонтæн.