Гуырдызстоны Фыццаг Каналы проект «Мастершеф»- кæсджыты  уарзон теле-алæвæрд у
Гуырдызстоны Фыццаг Каналы проект «Мастершеф»- кæсджыты уарзон теле-алæвæрд у

Телеаудиторийы  иртасæнмæ  гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  проект «Мастершев» кæсджытæн  сегасдæр уарзон   теле-алæвæрд у.  Бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   æндæр  кары къордитмæ абаргæйæ,   «Мастершеф»  сеппæтæй  фылдæр  йæ зæрдæм цæуы  фæсивæдон аудиторийæн, проекты сеппæтæй уарзон  алæвæрдæй  схуыдтой  18-25 азы кары кæсджыты  27%.

Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   фæсивæдон аудиторийы  æрбаласын, куыд телеуынынадон, афтæ  æндæр платформæты фæрцы  æмæ  уымæн бæрзонд  гъæды  аудиовизуалон продукты  бадæттын иттæг нысаниуæгджын у.

Нымæцон  иртасæн   комкоммæ  интервьюйы методæй  Æхсæнадон Уацхæссæджы  тендары уæлахизгонд  компани «Сонар»  ауагъхдта Гуырдзыстоны  масштабæй.  Иртасæны нысан уыдис  Телеуынынадон базары психо-маркетингон   сегментаци.

Гуырдзыстоны  аст горæты (Тбилиси, Рустави, Марнеули, Ахалцихе, Телави,  Кутаиси, Зугдиди, Батуми)  раарстой  18 аздзыд æмæ хистæрдæр  кары  2000  респонденты. Иртасæны ауадзыны период -20.03.2022-28.05.2022. Равзæрст  стратифициргонд  хуымæтæг сæмбæлгæ равзæрст. Максималон  рæдыд 95% æууæнкагы гарантийæ: 2.2%.