Израилы сахар Ашдоды 6-æм æнусы гуырзиаг аргъуаны мозаикъон астæрд ссардтой
Израилы сахар Ашдоды археологион къæхтыты рæстæджы, Тль-Авив æмæ Лайпцигы университетты археологты къорд, 6-æм æнусы гуырзиаг аргъуаны мозаикъон астæрд ссардтой.
Астæрдыл уæвæг уникалон ныффыст хъусын кæны, цæмæй аргъуаны самадта гуырдзиаг чырыстон, кæцыйы нын амоны азфысты сæрмагонд системæ, кæцыйæ пайда кодтой незаманы Гуырдзыстоны.
Ахуыргæндты аргълæвæрдæй, ныффыст æнæхъæн у.
Ахуыргæндты къорды аргълæвæрдæй, датæ кæцы азфысты сæрмагонд системæйæ у банысангонд, Чырыстийы райгуырдæй 539 азмæ æмбæлы. Ацы ссарæггаг у гуырдзиаг кæлиндары сегасæй рагондæр хуызæг.
Археологты дзырдæй, бæрæг куыд у афтæмæй, Ашдод гуырдзиагæты интересæй раджыдæр пайда кодта. Историон ратæдзæнтæм гæсгæйæ, Петре Ибери дæр йæ адзалы онг Ашдоды цардис.
Аргъуаны мозаикон астæрды ссард та ноджы иу хатт бæлвырд кæны Иберийы æндæвдад Израилы донбыл сахарыл.
Сахар Ашдоды археологион къæхтытæ райдыдтой 2013 азы.