Израилы æфсады хъусын кæнынц, цæмæй нырма бæрæг нæу, кæд райдайдзæн æхсты фæурæды процесс
Израилы æфсады спикеры Даниел Хагары фидиуæнæй, зæгъгæ нырма бæрæг нæу, кæд райдайдзæн æхст фæурæды процесс.
«Мах цæттæ уыдзыстæм, цы бахъæуа уый æппæт саразæм. Ацы моменты фокусиргонд стæм хæстыл. Абон ссардтам «Хамасы» тунелтæ æмæ сæ скуынæг кодтам. Уый у æввахс сахатты цыæмæ хъавæм» – райхъусын кодта Даниел Хагар.
Хагары дзырдæй, зæгъгæ уый адарддæр уыдзæн, цалынмæ Израилы нæ бахæццæ уыдзæн уыцы этапмæ, кæцы рæстæджы бахъæудзæн ныллæууын.
Æхст фæурæды рæстæгмæ бадзырдмæ гæсгæйæ, Израил æмæ «Хамас» æрдзырдтой уыппарбонон паузæйы тыххæй, цæмæй ссæрибар кодтаиккой Газæйы уæвæг 50 амынæты Израилы ахст 150 палестинагы бæсты.
Израилы банысан кодтой, цæмæй æхсты фæурæд гæнæн ис адарддæр уа фылдæр амынæты ссæрибар кæныны цауы.