Ивери Мелашвили æмæ Наталиа Иличовайы тæрхондон ахсты ныууагъта
Давит гареджийы хъуыддагыл ахст Ивери Мелашвили æмæ Наталиа Иличовайы тæрхондон ахсты ныууагъта. Тæрхонгæнæгы фидиуæнæй, рабадтыл исты ног бæлвырдгæнæн нæ бавдыстæуыд кæцы бауыдаит хъуыддаджы ногæй æркасты бындур. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ис бæлвырдгæнæнтæ скуынæг кæныны тас.
Тæрхонгæнæг Звиад Шарадзе адвокатты позициимæ не сразы ис.
Адвокаттæ 211 уæнгы фидары къухфысты бындурыл куырдтой Иличовайы æмæ Мелашвилийы ссæрибар кæнын. Афтæма, альтернативæйы хуызæй тæрхонгæнæгæн уæлæмхасæй арæнгæнæг мадзæлттæй спайда кæнын æнхъарыдысты.
Зылынгæнæг фарс не разы кодта ахстæй уæгъд мадзæлттæй спайдайы фæдыл адвокатты позициимæ. Прокуррорты фидиуæнæй, нырма дæр уыдис тас, бамбæхсыны æмæ бæлвырдгæнæнтæ скуынæг кæныны тыххæй.