Финансты министр Иванэ Мачъаварианимæ 23 апрелы парламенты хъусдзысты. Мачъавариани сом депутатты раз финансон-бюджетон комитеты рабадтыл ралæудзæн.
Закъондæттæг органмæ финансты министры»Европаг Гуырдзыстоны» æркуырды бындурыл фæсидтысты, æркæсинаг темæ та, компани «Омегайы» банкон регуляциты, пенсион реформæйы, фидтонон æлхъивæнты фæфидар, куысты бадзырды æмæ муниципалон куыстыты кусæг уæнгты нымæцы, афтæдæр куыстæн мызды фонды фæдыл фарстатæм баххæсдзæн.