Иммунизацийы техникон уынафæгæнджыты корды къухдариуæггæнæг, профессор Иванэ Чхаидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ цух нæу уый æмæ бæстæйы индиаг штам доминантæй суа, фæлæ фæнысангонд штамæй инфицирады цауты рæзты темп, Гуырдзыстоны бирæ нллæгдæр уыдзæн æндæр бæстæтимæ абаргæйæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапмæ индиаг штамæй инфицирады 20 цау сты бæрæг, фæлæ реалонæй цауты нымæц фылдæр у.
Уымæй уæлдай, Иванэ Чхаидзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ индиаг штамæй хибахизыны фадат у дыууæхаттон вакцинаци.
«Иухаттонæй вакцинацигондты æхсæн индиаг штаммæй инфицирад уæддæр бæрзонд у. Иунæг фæрæз, цæмæй индиайг штаммы ныхмæ хъахъхъæд уай, у дыууæхаттон вакцинаци. Кæд вакцинайы эффективондзинады бæрæггæнæн 87%, уæд индиаг штаммы цауы ацы бæрæггæнæн уыдзæн 5-6 процентæй каддæр. Иухаттон вакцинацийы рæстæджы хъауджыдæрдзинад та у 20-25% бæрц. Иухаттон вакцинаци индиаг штаммæй уæ нæ бахъахъхъæндзæн» – банысан кодта Иванэ Чхаидзе.