Иумæ срæсугъд кæнæм нæ сахар - Каха Калдадзе цæрджытæм сиды, фæйнæног азон рухс бафидар кæной сæ рудзгуытыл
Тбилисы мер Каха Каладзе цæрджытæм сиды куырдиатæй, амалуæвгæйæ сфæлындой сæрмагонд рудзгуытæ æмæ тыргъ.
«Фæнды мæ спайда кæнон моментæй, æмæ мæ хъуыды фехъусын кæнон Тбилисы цæрджытæн. Æнæхъæн ацы бонты мидæг максималонæй архайдтам сахар срæсугъд кæнын ног азон рухсытæй. Фæлæ хъыгагæн нæ реалондзинадæй рацæугæйæ, нæ нын бантыст цмæй алы районмæ бацæуæм æмæ алы уынг дæр срæсугъд кæнæм. Уый тыххæй дæр мæ фæнды сахары цæрджытæй æххуыс ракурон, цæмй нæ сахары сфæлындыны хъуыддаджы йæ хай бахæссой. Элементарон цыдæр саразын хъæуы. Алчидæр цæттæ кæнæм амалуæвгæйæ ног азмæ æмæ иу ногазон рухс бафидар кæнут уæ рудзынгыл, гæнæ ис иу цырагъ дæр уæт, уырнæг дæн, тынг рæсугъд рацæудзæн» – банысан кодта Каладзе.