Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центры информацийæ, Иугонд Националон Фæлварæнтæ 3 июлы гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы фæлварæнæй райдайдзæн, 26 июлы та, физикæйы фæлварæнæй фæуыдзæн.
Центры информацийæ, Иугонд Нациоанлон Фæлварæнтæм регистраци ацыд экзаменгæнджыты рекордон нымæц – 45 000-æй фылдæр абитуриент, студентты грантон конкурсы хайад райсыны фæндон 3 000-æй фылдæр студент равдыста, æрмæст æмтгæйон магистрон фæлварæнтæм регистраци 10 000-æй фылдæр магистранттæм кандидат ацыд.
2023 азы равзаргæ предметты статистикæ абитуриентты æвзæрстмæ гæсгæ ахæм у: истори сывзæрстой 22 200-ы онг абитуриент, математикæ – 15 700-æй фылдæр абитуриент; биологи – 3 600-æй фылдæр абитуриент; хими – 2 600-æй фылдæр абитуриент; Географи – 2 200-æй фылдæр абитуриент; физикæ – 700-ы онг абитуариент; литературæ – 1 300-ы онг абитуриент; æмбæстагон рухсад – 2000-æй фылдæр абитуриент; нывкæнынадон æмæ архайадон аивад та 300-йæ фылдæр абитуриент сывзæрста.
Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр абитуриенттæм сиды, цæмæй ахуырадон программæты ранымадмæ ивддзинæдтæ бахæссын аппеляцийы фæстиуджыты публикацийы иннæ бон хынцгæйæ уыдзæн сæ бон. Конкретон датæйы тыххæй августы мæйы фехуъсын кæндзысты.
2023 азы Гуырдзыстоны масштабæй æмтгæй райсгæйæ 24 фæлварæнон центр байгом уыдзæн. Центртæ кусдзысты Тбилисы, Батумы, Зугдиды, Кутаисы, Поты, Ахалцихейы, Гуры, Озургеты, Руставы, Телавы æмæ Хулойы. Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центры информацийæ, ацы аз фыццаг хатт фæлварæнон центр байгом уыдзæн Амбролаурийы дæр.
«Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр афтæдæр фехъусын кæндзæн абитуриенттæн, цæмæй ацы аз нал архайдзæн фæлварæнтимæ баст ковид регуляцитæ. Æндæр инфекцион низджын уæнгтау, ковидинфициргонд абитуриенттæ хъуамæ адзурой центры тæвд хаххмæ номырыл (995 32) 2 47 3333 æмæ фæлварæны райдаыны онг бавдисой æмбæлгæ медицинон документаци аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центрмæ (адреси: Э. Минделиы №9), цæмæй уыцы сессийыл сын уагъд уа фæлварæн специалонæй арызт фæлварæнон секторы», – хъусын кæнынц аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центры.