Иуæй-иу ирайнаг организаци, Йерусалемы, АИШ-ы ног минæварад спырх кæнынæн снысан кодта хорзæх
Иуæй-иу ирайнаг организаци, хорзæхы хуызæй 100 000 доллары бафидын хъавы уымæн, чидæриддæр Йерусалемы, АИШ-ы ног минæварад спырх кæндзæн. Ираны архайæг организаци, «Студенттæ- Рæстдзинадæн тохгæнджытæ» интернеты публикаци скодтой брошюрæ, кæцыйыл АИШ-ы дипломативон минæварады срæмыгъды тыххæй дзырдæу.
«Трампы архайд Ал-Кудсмæ (Йерусалем) минæварад ахæссынмæ гæсгæ, æппæт Дунейы смæсты кодта. Студентон сæрибары змæлд йæ фарс рахæцдзæн кæцыфæнды адæймагæн, чидæриддæр Церусалемы АИШ-ы минæварад скуынæг кæндзæн» – дзырдæуы брошюрæйы.
Йерусалемы минæварад æрбайгом ис 14 майы.