Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 586 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 605 пациенты
Ивгъуыд иу къуырийы (16.05-22.05.2022) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 586 цау сбæрæг ис. Бæстæйы 605 адæймаг сæнæниз ис. Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, коронавирусæй амард 5 пациент. Уый фæдыл информаци публикаци кæны низты контролы националон центр.
Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у омикроны В.А.2 штамм.
Иу къуырийы дæргъы бæстæйы арызт уыд 113 058 тест, сæ нымæцы антигены тест – 103 058, «PCR» тестæй – 10 568.
7 бонон басгæрсты æвæрццагады бæрæггæнæн у – 0.52%.
Раззаг иу къуырийы (09.05-15.05.2022) бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 697 пациенты, коронавирусæй рынчын 1 пациент амард.