Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 575 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 614 пациенты
Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 575 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 614 пациенты

Ивгъуыд иу  къуырийы  (23.05- 29.05.2022)  дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 575 цау сбæрæг ис. Бæстæйы  614 адæймаг  сæнæниз ис.  Иу къуырийы  бæрæггæнæнтæй,  коронавирусæй  амард   1  пациент. Уый фæдыл  информаци  публикаци кæны низты контролы   националон центр.

Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у  омикроны В.А.2 штамм.

Иу къуырийы  дæргъы бæстæйы арызт уыд  104 996  тест,  сæ нымæцы  антигены тест  – 95 506, «PCR» тестæй – 9 490.

7 бонон басгæрсты  æвæрццагады бæрæггæнæн у  – 0.55%.

Раззаг иу къуырийы (16.05-22.05.2022)   бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 586 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 605 пациенты, коронавирусæй рынчын  1  пациент амард.