Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 511 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 514 пациенты
Ивгъуыд иу къуырийы (30.05.2022-05.06.2022) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 511 цау сбæрæг ис. Бæстæйы 514 адæймаг сæнæниз ис. Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, коронавирусæй амард 7 пациент. Уый фæдыл информаци публикаци кæны низты контролы националон центр.
Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у омикроны В.А.2 штамм.
Иу къуырийы дæргъы бæстæйы арызт уыд 103 529 тест, сæ нымæцы антигены тест – 93 577, «PCR» тестæй – 9 952.
7 бонон басгæрсты æвæрццагады бæрæггæнæн у – 0.49%.
Раззаг иу къуырийы (23.05- 29.05.2022) бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 575 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 614 пациенты, коронавирусæй рынчын иу пациент амард.