Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 570 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 103  пациенты
Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 570 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 103 пациенты

Ивгъуыд иу  къуырийы  (27.06.2022-03.07.2022)    дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 570 цау сбæрæг ис. Бæстæйы  1 103  адæймаг  сæнæниз ис.  Иу къуырийы  бæрæггæнæнтæй,  коронавирусæй  амард  3 пациент. Уый фæдыл  информаци  публикаци кæны низты контролы   националон центр.

Иу къуырийы  дæргъы бæстæйы арызт уыд  63 443 тест,  сæ нымæцы  антигены тест  – 56 699, «PCR» тестæй – 6 744.

7 бонон басгæрсты  æвæрццагады бæрæггæнæн у  – 4.05%.

Раззаг иу къуырийы (20.06.2022-26.06.2022)   бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 058  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 646 пациенты, коронавирусæй рынчын  2   пациент амард.