Иу бафыстæй 90 минуты дæргъы æнæфидгæйæ маршрут раивын, метро æмæ автоубсæй уæлдай, ног микроавтобусты дæр уыдзæн гæнæн
Транспортон реформæ, кæцы æххæссы æхсæнадон транспорты ранæуæг кæнынмæ, фæндагон инфраструктурæ срæвдз кæнын æмæ ног маршрутон хызæгтæ рапарахат кæнынмæ, 2023 азы фæуыдзæн, – уый фæдыл сæйраг горæты мер Каха Каладзе Тбилисы хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Каха Каладзе куыд банысан кодта, афтæмæй, ныр æхсæнадон транспорты интегриргонд системæмæ бафтаудзысты ног микроавтобустæ, кæцы уый нысан кæны, цæмæй иу бафыстæй 90 минуты дæргъы, æнæфидгæйæ раивын маришурт, метройæ уæлдай æмæ атовбусæй дæр, ног микроавтобусты дæр уыдзæн гæнæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ интегриргонд системæмæ баиу уыдзысты уыцы микроавтобустæ дæр, кæцытæ сентябры æрцæудзысты сæйраг горæтмæ.
Тбилисы меры дзырдæй, зæгъгæ фыццаг апрелæй, уæлбарджын тариф ахæлиу уыдзæн ног микроавтобустыл дæр.
«Уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ метро æмæ автобусты уæлбарджын тарифæй пайда кæнынц, аналогионæй уæлбарæй пайда кæныны фадат уыдзæн микроавтобусты дæр», – фехъусын кодта Каха Каладзе.