Италийы полици кæрон скодта плангонд теракт сабидоны. Информацийы хъусын кæны агентад Reuters. Медиафæрæзы хъусинагæй, италиаг барадхъахъхæнджытæ æрцахстой 24 аздзыд латвийаг æмбæстагы, кæцы Роммæ хæстæг сабидоны æнхъæлцау план кодта теракт сæххæст кæнын. Ахæст Денис Илларионов сабидоны бахъавыд хæдарæзт бомбæ скусын кæнын.
Агентад Reuters куыд хъусын кæны афтæмæй, æвзонг нæлгоймаг, социалон хазæгты не мбæхста, цæмæй симпатитæ дартта Сайфуло Саиповмæ, кæцы 2017 азы октябры Нью-Йоркы, хæдтулгæ баскъæрдта фистæгæй цæуджытæм æмæ аст адæймагы амардта.
Ахæлиугонд информацийæ, Италийы полицийы плангонд теракты фæдыл АИШ-ы фæдагуырды федералон бюро бафæдзæхста.