Италийы, Альпæты зæйæрлæсты фæстиуæг, фондз немыцаг альпинист фæмард ысты
Фондз немыцаг альпинист фæмард Италийы Альпы æрцæугæ зæйы бын. “Reuters” куыд хъусын кæны, афтæмæй, альпинисттæ хохмæ сабат схызтæн, хъæу Солдæмæ æввахс афæндараст сты.
Ирвæзынгæнджытæ сабаты ссардтой дыууæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы мард, хуыцаубоны та ноджы дыууæ зианбаййафæгы – фыд æмæ йæ 17-аздзыд чызгы. Альпинистты къорды дыууæ уæнг зиан нæ баййæфтой.
Ортлеры хæхтæ, Италийы Альпæты хай сты, Швейцарийы арæнмæ хæстæг, кæцытæ, популарон туристон бынатæй цæуынц нымад. .