Италийæ æрыздæхгæ Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцыйæн сбæлвырд ис коронавирус, хæдизоляцийы уыд
Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы Италийæ æрыздæхт æмæ йæм коронавирус сбæлвырд ис, цалдæр боны дæргъы уыд хæдзары, хæдизоляцийы. Уый фæдыл низты контролы националон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзе абоны брифингыл райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ хæдтæхæджы бадæг уæнгтæ индентифициргонд сты.
Уымæй уæлдай, фæнысангонд пациентæн æмбаргæдзинады тыххæй раарфæ кодта.
Афтæма, Тбилисы инфекицон рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы кууырдиатæй, 44 аздзыд нæйлгоймагмæ, кæцыйæн коронавирсус сбæлвырд ис, уыдис бæрзонд тæвд 38.5-æй бæрзонддæр.
«Паицент у Гуырдзыстоны æмбæстаг 44 аздзыд нæлгоймаг. Хæдизоляцийы уыдис хуыцаубонæй абоны онг. Бинонты уæнгтæм сæ хуъс бадардзæн низты контролы центр. Уый у клиниконæй уæззау цау, 38 æмæ æрдæгæй бæрзонддæ тæвд йæм ис. Афтæдæр йæм фæбæрæг ис улæфæн системæйы уæззау зиан, кæцыйы расайы ацы вирус», – райхъусын кодта Эзугбаиа.
Афтæдæр йæ информацийæ, боксиргонд хайады ацы афонмæ 25 пациент уæвынц.
Абоны бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цыппар цау сфиксир ис. Уыдонæй дыууæйæн уыд Иранмæ балцы истори, дыууæ та – Италимæ.