Италиа ИНО-мæ бавдыста Украинайы  сабырад  сфидар кæныны  цыппарпунктджын план
Италиа ИНО-мæ бавдыста Украинайы сабырад сфидар кæныны цыппарпунктджын план

Италиа ИНО-мæ бавдыста Украинайы  сабырад  сфидар кæныны  цыппарпунктджын   план, –  уый фæдыл  информаци хъусын кæны  италиайаг  рауагъдад «Република».  Документы бакуыста  Италиайы фæсарæн хъуыддæгты  министрад  хицауадон администрациимæ иумæйагæй.

Планы дзырд ис Украинайы  æнæрмæст æхст фæурæды фæдыл, фæлæ ма  æмгуыстад æхсæнадæмон партнертимæ, сæрмагондæй та, Евроцæдисимæ, Стыр Авдимæ æмæ ИНО-имæ.

Италиа кризисы фæтых уынæн  цыппар этап  ранымадта, кæцытæн мониторинг кæндзæн æхсæнадæмон  æххуысы  къорд.

Италиайы сабырадон план  ахæм формулировкæтæй у: 1. Æхст фæурæд æмæ Инойы  цæстдарынады бын хæстон  быцæудзинæдты хаххы  ликвидаци. 2.  Украинайы  Евроцæдисы  уæнгсуæвын  цыбырдæр æмгъуыдтæм  æмæ йæ  нейтралон  статус НАТО-мæ  интеграцийæ  цух.  3.  Бадзырд Украина æмæ Уæрæсейы  æхсæн  Донбассы æмæ  Хъырымы  территоритыл  æхсæнадæмонæй нымад  арæнты  конфликт алыг кæнынæн.  4. Ног бирæфарсон  бадзырд Европæйы  сабырдзинады æмæ æдасдзинады фæдыл, кæцы хъуамæ  сифтонг кæна  хæцæнгарзы  контрол æмæ  конфликтты превенци.

Документ нырид æрвыст уыдис  ИНО-йы генералон нымæрдармæ  Антонион Гуттерешмæ.