Итали æмæ Гуырдзыстоны æхсæн, националон хæдтулгæ скъæрыны бардæттæг гæххæттыты кæрæдзийы банымад æмæ ивды фæдыл бадзырд бафыстой
Роммæ визиты фæлгæтты, фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Гиоргий Зурабашвили æмæ Гуырдзыстоны пъæлицæйы атташе Республикæйы Владимир Борцвадзе Италийы транспорт æмæ инфраструктурæйы министрады, шофыры бардæттæг гæххæттыты кæрæдзийæн банымайыны фарсты фæдыл фембæлд сарæзтой. Уый тыххæй фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министрад.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл фарсытæ бахахх кодтой фарстайы нысаниуæгдзинад, кæцы Италийы цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн фадат ратдзæн сæ гуырдзиаг хæдтулгæ скъæрыны гæххæттытæ италиагыл баивын æнæ фæлварæнæй.
«Фембæлдыл фарсытæ æруынаффæ кодтой бадзырды мидисджын аспекттыл æмæ ныфс бавæрдтой, цæмæй æмбæлон процедурæты æвæстиатæй сыххæсты фæстæ, гæнæн уыдзæн бадзырдыл къухтæ æрфыссын.Бæрæг у, цæмæй италиаг фарс æххæстæй цæттæдзинад расидтис æмгуыстадмæ.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрад æмæ Италийы республикæйы транспорты æмæ инфраструктурæйы министрад бирæ азты дæргъы интенсивон бадзырдтæ уадзынц уæлдæрбанысангонд бадзырды скæныны нысанæй.
Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстон ныридæгæн сарæзта ахæм бадзырдтæ Испани, Греци æмæ Ирландиимæ» – ис фыст мидхъуыдтæгты министрады парахатгонд информацийы.