Историйы  фыццаг  хатт  бæлццон Антарктикæ, йæ  иу кæронæй  иннæмæ  бынтон æххуыс цухæй  иунæйгæй  рацыд
Историйы фыццаг хатт бæлццон Антарктикæ, йæ иу кæронæй иннæмæ бынтон æххуыс цухæй иунæйгæй рацыд

Америкаг  экстремал  Антарктика цæхгæрмæ иунæгæй  ацыдис.  Коллин  Обреди  къахдзоныгъты фæрцы   салд  континенты иу  фарсæй, иннæ  кæронмæ цыфæнды æххуыс  цухæй  54  бонмæ  бамбæрзта.

33 аздзыд   экстремал   балцы рæстæджы  хъæугæ  гæрзтæ  ласта  дзоныгыл,  кæцыйы уæз  балцы райдианы   уыдис 170 килограмм.

Коллин Обреди  историйы  фыццаг адæймаг  у, кæцы   æххуыс цухæй, салд  континенты  ахизыны рæстæджы   150  километр  бамбæрзта.

Йемæ иумæ  уыцы фæндагæй  историмæ  бахауын архайдта бритайнаг экстремал  Луис Радд. Сæ  дыууæдæр старт систой  континенты   ныгуылæны, 3  ноябры. Уыдон   кæрæдзийæ  хæдбарæй,  сæрмагонд маршруттæй   балц  кодтой.  Фæлæ  нысан бынатмæ  фыццаг бахæццæ ис америкаг  экстремал.