Ирвæзынгæнджытæ Джандарайы цадыл фæтаруæвæг æмбæстæгты мæрдтæ ссардтой
Ирвæзынгæнджытæ Джандарайы цадыл фæтаруæвæг æмбæстæгты мæрдтæ ссардтой – информацийы, мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, Джандарайы цадыл фæтаруæвæг æмбæстæгты агурæн мадзæлттæ æртæ боны дæргъы æнæруромгæ режимы цыдысты. Бынатыл мобилизацигонд уыд æмбæлон техникæ, хæрдмæтæхæг, хъармхатæг дрон æмæ удæгас тых, сæ нымæцы дæлдондзогты къорд.
«Агурæн операци цыдис куыд Гуырдзыстоны, афтæ Азербайджаны территорийыл.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады æнæаргъæвгæ æххуысы оперативон фæткдар центр «112»-мæ, Джандарайы цадыл дыууæ æмбæстагы фæтаруыны фæдыл информаци бацыд 2 декабры, боны фыццаг æрдæджы. Хъусинаг райстæй уайтагъд, ирвæзынгæнджытæ араст сты бынатмæ æмæ ирвæзынгæнæн операцимæ æрывнæлдтой.
Уæлвæтк уавæрты фæткдра куыст, æмæнкъард сиды æрцæугæйы тыххæй æмæ тæфæрфæс кæны фæмардуæвджыты бинонтæн» – банысангонд у мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты хъусинагы.