Ирландийы гæнæн ссис Гуырдзыстоны лæвæрд  хæдтулгæ скъæрыны æвдисæндæртты баивын
Ирландийы гæнæн ссис Гуырдзыстоны лæвæрд хæдтулгæ скъæрыны æвдисæндæртты баивын

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады, Ирландийы транспорты  министрады æмæ Ирландийы фæндагон æдасдзинады оргæнты æхсæн къухæвæрд æрцыд  кæрæдзийы æмбарынады  меморандум  хæдтулгæ  тæрыны  æвдисæнгæххæтты  баивды фæдыл.  Информаци  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад  хъусын кæны.

Уагдоны информацийæ, кæрæдзиæмбарынады меморандум йæ тыхы ис 2024 азы 25 июнæй, кæцы  уый нысан кæны, цæмæй  Гуырдызстоны æмæ Ирландийы лæвæрд  архайæг хæдтулгæ тæрыны æвдисæнгæххæтт  кæмæ ис, уыдонæн  теорион кæнæ практикон фæлварæнæй  уæгъдæй сæ бон у  æмбæлгæ тыхы  æвдисæнгæххæттыл баивын, сæ цæрæн ранмæ æмбæлгæйæ.

«Меморандумæй  бæрæг у уыцы  транспортон фæрæзты  категоритæ/дæлкатегоритæ кæцыты скъæрынæн лæвæрд   æвдисæнгæххæтытæ хауынц  баивдмæ, сæрмагондæй та : AM, A1, A2, A, B, BE, C1, C, D1, D1E, D, DE, CE æмæ CE категориты скъæрынæн лæвæрд   æвжисæнгæххæтты  баивын гæнæн ис  теорион кæнæ практикон фæлварæнæй   уæгъдæй. Ирландийы фæндагон æдадсзинады оргæны  официалон вебфарсыл  æвæрд  информацимæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон нырид æфтыд уыд уыцы бæстæты  ранымадмæ, кæцы  нымад у  Ирландийы æрдгæй  хæдтулгæ тæрыны æвдисæнгæххæтты  баивыны нысанæн. (https://www.rsa.ie/services/licensed-drivers/driving-licence/exchange-foreign-licence).  Банысанкæнинаг у уый цæмæй, вебфарсыл æвæрд информацимæ гæсгæйæ,   Ирландийы нымад  бæстæты, сæ нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн,  кæцытæм ис иудадзыг цæрыны бар Ирландийы ( афæдзы мидæш   185 уæддæр)  сæ бон у   баиввой  хæдтулгæ тæрыны æвдисæнгæххæтытæ  онлайн  куырдиаты бындурыл кæнæ националон скъæрыны æвдисæнгæххæтты  куысы  (NDLS)», – дзырдæуы  ахæлиугонд информацийы.