«Ираны Сырх Æрдæгмæйы æхсæнад» - АИШ æмæ Израилы Ираныл хафты фæстиуæгæн  æнæхъæн бæстæйы масштабæй 780 адæймагæй фылдæр фæмард
«Ираны Сырх Æрдæгмæйы æхсæнад» - АИШ æмæ Израилы Ираныл хафты фæстиуæгæн æнæхъæн бæстæйы масштабæй 780 адæймагæй фылдæр фæмард

Ираны Сырх Æрдæгмæйы æхсæнады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, АИШ æмæ Израилы æрдыгæй Иранмæ бабырстыты райдайæнæй, æнæхъæн бæстæйы масштабæй 780 адæймагæй фылдæр фæмард.

«Оперативон къордты быдырон хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, хъыгагæн, ацы бырстыты фæмард сты 787 не мзæххоны», — хъусын кæны «Общество Красного Полумесяца».

Организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 28-æм февралы фæстæ Ираны æнæхъæн территорийыл 153 горæты æмæ 500-йæ фылдæр объектыл 1000 бабырстæй фылдæр сырæзт.

Уымæй дарддæр ма, зындгонд ссис, знон æхсæвы Израилы авиаци бомбæтæй кæй ныппырх кодта Ираны официалон объекттæ, уыцы нымæцы Ираны президенты офис, Ираны националон æдасдзинады уæлдæр советы штаб – уыцы территорийæ, кæцыйæ пайда кæны «уæлдæр æмвæзады форум» фембæлдтытæн, афтæ ма «Ираны æфсады афицерты цæттæгæнæн институт».