Ираны фæсарæн хъуыдтæгты министр – протестгæнджыты æрцауындзыны план нæй, ацы фарста каст нæ цæуы
Ираны æдтаг хъуыдтæгты министр Аббас Арагъчи Fox News -мæ интервьюйы расидитис, цæмæй Ирæн хицауады ныхмæ уагъд акциты фæдыл, демонстрантты æрцауындзын нæ план кæны.
Аббас Арагъчи афтæ дæр расидтис, цæмæй Ираны протестон акцитæ террористон операцитæ уыдысты, хуымæтæг демонстрацитдæ нæ фæлæ.
«Уыдис террористон къордтæ. Уыдон спайда кодтой Иламон Паддзахады стилы террористон операцитæ. Уыдон, полицæйæгты удгасæй басыгътой, сæ сæртæ сын ралыг кодтой æмæ райдыдтой æхсын куыд полицийы, афтæ адæмы дæр” -расидтис Арагъчи.
Ираны æдтаг хъуыдтæгты министры ныхасмæ гæсгæ, террористтæ архайдтой амæттæгты нымæц фæфылдæр кæнын æрмæст дæр иу нысаны тыххæй – Дональд Трампы конфликты бабæттын.
“Президент Трамп расидтис, цæмæй, кæд æрцыдаиккой лæгмардтæ, уæд уый баиу уыдаит. Уыдоны фæндыд уыйы конфликты бабæттын. Уый уыд растдæр Израилы план. Æнæкæсгæ уымæ, æмæ уыдон архайдтой амæттæгты нымæц фæфылдæрыл, , мардгондты нымæц сæдæгай у. Конкретон нымæц тынг тагъд, гæнæн ис абон изæры рапарахат кæна нæ хицауад” – расидтис Ираны æдтаг хъуыдтæгты министр.