Ираны фæсарæн хъуыддæгты министрад – АИШ, Франц æмæ æндæр бæстæтæ, кæцытæ сæ къухтæ æрфыстой Ираны ныхмæ фидиуæныл, сæхæдæг хъуамæ дзуапп дæттой терроризмы фарсылхæцындзинады архæйдтыты тыххæй
Ираны фæсарæн хъуыддæгты министрад – АИШ, Франц æмæ æндæр бæстæтæ, кæцытæ сæ къухтæ æрфыстой Ираны ныхмæ фидиуæныл, сæхæдæг хъуамæ дзуапп дæттой терроризмы фарсылхæцындзинады архæйдтыты тыххæй

Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад нæ нымайы 14 ныгуылæйнаг бæстæйы аххосæгтæ Исламон Республикæйы ныхмæ.

Ираны Фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-спикер Эсмаил Багаи æфхæрдта Ираны ныхмæ «æнæбындур, хынджылæггаг аххосæгтæ», схуыдта сæ аххос æндæр ранмæ æрæвæрыны æнæфсарм архайд.

Ираны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй ныгуылæйнаг аххосæгтæ сты æхсæнады хъусдард боны ахсджиагдæр фарстæй, ома, Израил Палестинæйы цы геноцидон фыдракæндтæ сарæзта, уыдонæй ахизыны фæрæз.

«АИШ, Франц æмæ æндæр бæстæтæ, кæцытæ сæ къухтæ æрфыстой антиирон фидиуæныл, сæхæдæг дæр хъуамæ дзуапп дæттой сæ архæйдтыты тыххæй терроризмы фарсылхæцындзинадæй æхсæнадæмон барады хæлдæй, куыд террористон, тыхмигæнæг элементты æмæ къордты спонсортæ æмæ фысымтæ» – райхъусын кодта Ираны æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-спикер.

14 бæстæйы къорд, се æхсæн АИШ æмæ Франц, 31 июлы рапарахат кодтой иумæйаг расидæн, кæцыйы æфхæрдтой Ираны æххуысæй æххæстгонд тасдзинæдтæ æмæ архайдтытæ Европæ æмæ Цæгат Америкæйы.