Ираны АИШ-ы æфсæддон операцийы фæстиуæгæн фæмард ноджы иу америкаг æфсæддон
Ираны АИШ-ы æфсæддон операцийы фæстиуæгæн фæмард ноджы иу америкаг æфсæддон

Ираны АИШ-ы æфсæддон операцийы фæстиуæгæн ноджы иу америкаг æфсæддон фæмард.

Уый фæдыл информаци АИШ-ы централон командæкæнынад фехъусын кодта. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон службæгæнæг фæцæф ис операци Эпикон Фьюрийы райдиан этапыл æмæ фæстæдæр йæ цæфтæй амард.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ираны ныхмæ операцийы цыппар америкаг æфсæддоны фæмард сты. Æртæ мæлæты фæдыл знон АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта.