Иран  Сирийы, Турчы  æфсæддон   операци райдаыны ныхмæ у
Иран Сирийы, Турчы æфсæддон операци райдаыны ныхмæ у

Иран  Сирийы, Турчы  æфсæддон   операци райдаыны ныхмæ у. Уый фæдыл  фидиуæн   Ираны   фæсарæн хъуыддæгты министрад  ахæлиу  кодта.

Ираны фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны фидиуæны  дзырдæуы  цæмæй,   официалон  Тегеран æнæруадзгæйыл  нымайы,   Сирийы, Турк æфсæддон операцимæ рахиза, кæцы расайдзæн стыр материалон æмæ адæймагон зиан.

Бакой уын  кæндзыстæм,  Турсы  хицауады хъусинагæй,   Анкара зæгъгæ Сирийы  цæгаты  æфсæддон  операци райдаынмæ  цæттæ кæны.  Турк Сирийы  цæгат хайы,   «æдас зонæ» саразын зхъавы,  цы ран дыууæ милуанæй  фылдæр сирийаг лигъдоны  æрцæрын кæндзæн.