Иран-Иракъы арæныл дыууæ къуырийы размæ æрцæугæ зæхынæнкъуысты фæстиуæг мардгондты нымæц 483-мæ баххæсыд
Иран-Иракъы арæныл дыууæ къуырийы размæ æрцæугæ зæхынæнкъуысты фæстиуæг мардгондты нымæц 483-мæ баххæсыд. Информаци уый фæдыл ирайнаг агентад IRNA парахат кæны. Стихийы фæсьтиуæг 12 мин адæймаг зиан баййæфта. 7,3 магнитудайы зæххынæнкъуыст, 12-æм ноябры æрцыд. Алкæмæй тынгдæр стихи Ираны Кирманшахы провинци ныппырх кодта. Сæдæ мингай адæймаг æнæхæдзарæй баззад.